Кредит лæвæрды организацитæн фæтобæ уыдзæн ахæм кредитты лæвæрд, кæцыты нырма процент цæуы фыст уый фæстæ та сæйраг хæсы бын
Кредит лæвæрды организацитæн фæтобæ уыдзæн ахæм кредитты лæвæрд, кæцыты нырма процент цæуы фыст уый фæстæ та сæйраг хæсы бын
Снысангонд тобæдзинад физикон уæнгтыл кредитты алæвæрды фæдыл бардзырды проект йæ зæрдыл дары, кæцы Националон банк рапарахат кодта. Документ нырма æрмæст куыстон верси у, кæцыйы кæронбæттæн редактирдзинады онг бакасты процессы техниконæй уа ивд.
Снысангонд проектмæ гæсгæ, кредиты нымæцы бафидыны фадат уыдзæн хæсисæгы фæндонмæ гæсгæ арæзт графикмæ гæсгæ æмæ æмгъуыдмæ гæсгæ.
Фæнысангонд арæнæвæрд не æххæссы аргъджын дуртæй æмæ згъæртæй кæнæ æнæзмæлгæ мулкъæй ифтонггонд кредиттæм, ифтонгады аргъы фæлгæтты. Афтæма, хæсисæгы фидынхъомдзыинады æххæстаргъджын анализæй цухæй, æнæзмæлгæ исадæй ифтонггонд кредитты æмтгæйон суммæ ма хъуамæ уа банкъы цæстдарæгон капиталы 15%-æй æмæ кредиты адæттыны рæстæджы, хæсы ифтонгады коэффициент мæ хъуамæ уа 50%-æй фылдæр.
Национ банчы Фыццаг Къаналæн куыд фехъусын кодтой афтæмæй, ивдтытæ æххæссынц æрмæстдæр коммерцион банкъытæм, фæлæ ацы æрдæм куыст дарддæр кæны æмæ ахæм типы регуляци, фидæны, æндæр финансон инсттитутæм дæр бандавдзæн.
Гуырдзыстоны Национ Банкъ коммерцион банкъытæн бæрнон кредитдзинады æркуырды æрбайсты фæдыл уæрæх фидиуæн ахæлиу кодта, кæцыйы мидæг лæмбынæг дзырдæуы ацы æрдæм арызт къахдзæфты, аххосы тыххæй, кæцы расидтис ахæм æркуырдты æрбайсыны æнæмæнгхъæуындзинад.