Кълуб «Басианийы» цур æртæ гоймагы  фæцæф кæныны,  зылынмæ лæвæрдмæ 20 азы онг, кæнæ æнусон ахстæй æфхæрд æртъхъирæн кæны
Кълуб «Басианийы» цур æртæ гоймагы фæцæф кæныны, зылынмæ лæвæрдмæ 20 азы онг, кæнæ æнусон ахстæй æфхæрд æртъхъирæн кæны

Мидхъуыддæгты министрады  Тбилисы  пъæлицæйы  департаменты  Дидубе_Чугъуреты  уагдоны кусджытæ, ауадзгæ  оперативон-агурæн  æмæ  фæдагурæн   амæлтты   фæстиуæгæн, дыууæ   кæнæ фылдæр адæймагы   барæй  марын хъавды  æмæ æхсæнгарз, æнæзакъононæй   балхæд-бавæрд-дарыны  аххосагæй, 1980  азы  гуырд Б.Ч.-йы   тæвд фæдыл рацахстой.

МХМ-ы  информацийæ,   фæдагуырдæй   фæбæрæг ис,  цæмæй  æрцахстуæвæг  12  январы,  кълуб  «Басианийы» бацæуæны  цур, æхсæнгарзæй   цалдæр хатт фехста, цæй  фæстиуæгæн фæцæф  кодта   æртæ гоймагы, æмæ   цауы бынатæй  алыгъд.   Фæцæфуæвджыты  æнæаргъæвгæ  медицинон  æххуысы   къорд рынчындонмæ   фæхæццæ  одта, сæ  цардмæ   тас не ртъхъирæн  кæны.

«Барадхъахъхъæнджытæ, Б.Ч.-ы  æрцæугæйæ,  уайтагъд,  тæвд  фæдыл   йæ  цæрæн  хæдзары  цур рацахстой.  Æрцахстуæвæгы  джигулы  рæстæджы,  бæлвырдгæнæны хуызæй  ист æрцыд   фыдракæнды рæстæджы  цы  æхсæнгарзæй  æхста  уый,   æхсæз  карды,  23  нæмыг.

Фыдракæнды  йæ  хъуыдыйы   дары   16-æй  20 азы  онг æмгъуыдмæ  ахстæй бафхæрд»-  банысангонд у   МХМ-ы  информацийы.

Уæвæг информацийæ,   фæцæф кæныны  факты размæ,    æрцахстуæвæг  æмæ   кълубы диджей фæхыл сты.