Оккупацигонд Сухумы, иуæй-иу рестораны цур, цы ран Аслан Бжаниа æмæ Бибылты Анатоли уыдысты,  парламентæй цы хонынц  уый «депутат» æхсст  бакодта
Оккупацигонд Сухумы, иуæй-иу рестораны цур, цы ран Аслан Бжаниа æмæ Бибылты Анатоли уыдысты, парламентæй цы хонынц уый «депутат» æхсст бакодта

Оккупацигонд Сухумы, иуæй-иу  рестораны  цур, цы ран Аслан Бжаниа æмæ  Бибылты Анатоли  уыдысты,  æхсты  хъæр  хъуыстис.  Уый фæдыл  информаци хъусын кæны  уырыссаг медиа.

Медийы  куыд хъусын кæнынц  афтæмæй, инцидент æрцыд  30 сентябры, Сухумы æмæ  Цхинвалы оккупацион режимты сæргълæуджытæ  1992-1993  азты  хæсты «уæлахиздзинад» куы бæрæгбон кодтой.

Уæрæсейы  оккупацигонд  Абхазы а.х МХМ  хъусын кæны, цæмæй  æхсын «парламентари»  Гари Кокаиа райдыдта, кæцы фæстæ дæр йæ рцасты  рæстæджы уый бынатыл уæвæг «МХ министр» Дмитри  Дбаримæ фæбыцæу ис.  Медийы  куыд фыссынц  афтæмæй,   ацы бон   ноджы иу  «депутат» Алмасхан  Ардзинба  оккупацигонд регионы  ах. МХМ-ы  бæстыхайы  цур  хæдтулгæйæ  райдыдта  æхсын. Уый  20 хатты  фехста.

Фæстæдæр бæрæг ссис, цæмæй  оккупацигонд  Абхазы  а.х.  прокуратурæ  тугтæрхоны  барады  хъуыддаг  бакодта  а.х. мх министры хæдивджыты  ныхмæ, кæцытæ  30  сентябры  инциденты рæстæджы «æххæстбарты сæрты ахизыны  æмæ тыхмидзинады  фæзылынджын кодтой».

Сæрмагондæй та,  уырыссаг медийы  информацийæ,   а.х. мх министры хæдивджытæ  фæнадтой «Депутат» Гари Кокаиайы  æмæ  афтæдæр,  «Хæсты ветеранты æмæ инвалидты».  Оккупацигонд  регионы а.х.  прокуратурæ  афтæдæр æрсидтис « президентмæ»  а.х. мх министры ныхмæ  дисциплинарон  æфхæрды æркуырдæй, уымæн æмæ уый уыдис  цауы  бынатыл æмæ  инциденты маруадзын нæ бахъом ис.

Уырыссаг медиа  афтæдæр  фыссы,ц æмæй  æрцæугæйы тыххæй  ахст «депутат» Гари Кокаиайы  фарсхæцджытæ  ацытæккæ  акци уадзынц  æмæ а.х.  мх министрæй  йæ куыстæй  йæхи суæгъд кæнын  курынц.

Æрцæугæйы  тыххæй  къуырисæры  оккупацигонд регионы  а.х. парламенты уæлрадон рабадт ацыд.