Китайы ног коронавирусæй фæмардуæвджыты нымæц 563-ы онг фæфылдæр
Китайы ног коронавирусæй фæмардуæвджыты нымæц 563-ы онг фæфылдæр

Китайы   ног  коронавирусæй  фæмардуæвджыты   нымæц  563-ы онг  фæфылдæр.  Сæнæниз  сты  1153  уæнгы.  Рынчынты  нымæц 28 минæй   фылдæр у.

Æмбæлон   бæрæггæнæнтæ Китайы   æнæнизхъахъхъæды  комисси  ахæлиу кодта.

Китайы  хицауады  информацийæ, бæстæйы  карантины 186  мин  адæймаг уæвы.

Китайæ  дарддæр, ног типы  коронавирусы,  200-йæ  фылдæр  цау рабæрæг ис   дунейы  25 бæстæйы.

Фæрынчыны  20  цау сфиксир ис  Японийы   донбылы цур  круизон лайнеры  бортыл.   Науы  бортыл  уæвы 3700 адæймаг.

Дунейы  æнæнизхъахъхъæды  организацийы  хъусын кæнынц, цæмæй  ног  коронавирусы  эффективон  хоскæныны метод, нырма не ссардтой.