Китайы   коронавирусæй фæмардуæвджыты  нымæц 811-ы  онг  фæфылдæр
Китайы коронавирусæй фæмардуæвджыты нымæц 811-ы онг фæфылдæр

Китайы   ног типы   коронавирусæй   фæмардуæвджыты  нымæц   811-ы онг фæфылдæр.   Китайы  æнæнизхъахъхъæды   паддзахадон комитеты   информацийæ,    вирусæй   37 100-йæ  фылдæр  адæймаг у  инфициргонд,  2  649  адæймаг   та  сæнæниз  сты  æмæ  сæ  рынчындæттæй  ныридæгæн  рафыстой.

Гонг Конгы    вирусæй   инфицирдзинады  26   цау  сбæлвырд ис,  Тайваны   та  17.

Китайы   хицауад  дзуры, цæмæй   29000-ы  онг   регистрацигонд  адæймагæн,   æнхъæлцау бахæцыд  ног  типы  вирус, фæлæ   уый  нырмæ  бæлвырд  нæу.  Дохтыртæ  сæ хъус  дарынц 188 000 фылдæр   адæймагмæ.

Китайы   хицауад ног типы   вирусы   ахæлиуы  фæдыл ивгъуыд азы декабры   райхуъсын кодта.   Вирус   дунейы  20-æй   фылдæр бæстæйы  сфиксир ис.