Китайаг медиа - Китайы паддзахадон æдасдзинады министры хæдивæг алыгъдис АИШ-æм æмæ ма йемæ ахаста коронавирусимæ баст информаци
Китайы паддзахадон æдасдзинады министры хæдивæг Дун Цзин Вей алыгъдис АИШ-æм æмæ ма йемæ ахаста коронавирусимæ баст информаци – уый фæдыл информаци хъусын кæны китайаг оппозицион медиа.
Ахæлиугонд информацийæ, китайаг бæрзонд гæс бæстæйæ йæ чызгимæ иумæ цæугæ азы февралы, Гонг-Конгæй ацыдис æмæ æнхъæлцау, Вашингтонæн вирусологийы институты фæдыл информаци алæвæрдта.
Медийы информацийæ, Дун Цзин Вейы биографи æвдисы уый, цæмæй фæнысангонд гæс бæрнон уыдис Китайы министрады контрбæрæгдзау куысты æмæ шпионажы раргом-рацахсыныл.
Информацийы официалонæй сбæлвырды цауы, нысан кæны, цæмæй Дун Цзин Вей уыдзæн Китайы историйы сегасдæр бæрзонд рангы гæс, кæцы бæстæйæ алыгъдис. Ноджы иу регенат доктор Хан Лян Чао хъусын кæны, цæмæй китайаг бæрзонд гæсы алидзыны фарста марты, Аласкæйы ацæугæ сино-америкаг саммитыл уыд каст æмæ китайаг дипломаттæ Дун Цзин Вейы æрыздахын æркуырдтой, фæлæ АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкен не сразы ис.