Си Дзинпин – Китай АИШ-ы састы ныфс нæдары, нæ тъыссы йæхи йæ мидхъуыддæгты, АИШ-æд ма хъуамæ дарæт Китайы састы ныфс, йæхи бауромæт Китайы мидхъуыддæгты хифæтъыссынæй, никæимæ хъавæм нæдæр уазал хæстмæ æмæ нæдæр тæвд хæстмæ рахизын
Китай никæимæ хъавы нæдæр уазал æмæ нæдæр тæвд хæст райдайын – уый фæдыл Китайы лидер Си Дзинин АИШ-ы президент Джо Байденимæ уагъд фембæлды фæстæ райхуъсын кодта.
Китайы президент куыд банысан кодта афтæмæй. Китай цæттæ у, уа АИШ-ы хæлар æмæ партнер.
«Нæ фундаментон принциптæ ахастыты мидæг сты кæрæдзтйæн цыт кæнын, сабырадон æмцард æмæ пайдаджы æмгуыстад. Китай æмæ АИШ фæстагмæ конкуренттæ сты æви парнертæ, фундаментон æмæ æппæтылæххæссæг фарста у. Логикæ у тынг хуымæтæг: кæд сæ иу иннæйы сæйраг конкурентыл нымайы, сеппæтæй нысаниуæгджын геополитикон расидты æмæ иудадзыг æрбаввахсгонд тасыл, уый æнæмæнгæй расайдзæн æнæраст политикæ, æнæраст архæйдтытæ æмæ æнæраст фæстиуджытæ. Китай никуы дары АИШ-ы састы ныфс, нкуы фæтъыссы йæхи АИШ-ы мидæгон хъуыддæгты æмæ нæ хъавы АИШыæм быцæусидт бахæссын кæнæ йæ раивын. Китай райы фидар, æргом, рæзгæ æмæ дидинæфтыд АИШ-æй. Аналогионæй АИШ дæр ма хъуамæ бахæсса ныфс Киатйы састыл, йæхи баурома Китайы хъуыддæгтæм хифæтъыссынæй. Китай никæимæ хъавы нæдæр уазал хæстмæ æмæ æндæрæ тæвд хæстмæ рахизын» – райхъусын кодта Си Дзинпин.