Медиайы хъусинагæй, Китайы, 7.1 магнитудæйы тыхы зæххæнкъуыст æрцыд, 50-ы онг бæстыхай ныккалдис, базиан сты цæрæн хæдзæрттæ
Медиайы хъусинагæй, Китайы, Синдзяны регионы зæххæнкуысты фæстиуæгæн æхсæз адæймаг райстой зиæнттæ. Зæххæнкхуысты тых 7.1 магнитудæйы бæрц уыд.
Зæххæнкъуысты фæстиуæгæн ныккалдис 50-ы онг бæстыхай, æрмæст зиæнттæ райстой 80-ы онг цæрæн хæдзары. Медиайы хъусинагæй, зæххæнкъуыст базиан кодта электроадæттæн хаххытæ дæр, фæлæ электроэнергийы сног цыбыр æмгъуыдтæм бантыстис. Зæххæнкхуысты эпицентры 200-ы онг ирвæзынгæнæг кусы.
Уыимæ, зæххæнкхуысты схуыстытæ рахатыдысты Хъазахы æмæ сæ тых 6,7 магнитудæйы бæрц уыд. «Ройтеры» хъусинагæй, фæлхатгæ схуыстытæ рахатыдысты Узбекистаны дæр.