Китай  Тайваны цур райдыдта  ног æфсæддон-деджызон  ахуыртæ
Китай Тайваны цур райдыдта ног æфсæддон-деджызон ахуыртæ

Китай   райдыдта   ног æфсæддон  маневртæ Тайванмæ хæстæг.  Пекины куыд хуъсын кæнынц  афтæмæй, ахуырты  рæстæджы  æфсæддæттæ  ацæудзысты  наутыныхмæ  æмæ  денджызы  науты  штурмы   операциты ахуыр.

Уæдмæ   Китай   Тайваны цур   ахуыртæ сакъадахмæ  АИШы  минæвæртты палатæйы  спикеры, Нэнси Пелосийы  визиты рæстæджы    райдыдта.  Фæнысангонд  маневартæ  7 августы  фесты.  Фæнысангонд денджызон ахуыр  Китайы  нырыккон   историйы   сеппæтæй  масштабон уыд.  Тайваны цур ахуырты баст уыдысты китайаг  наутæ,  авиакуынæггæнджытæ  æмæ æнæпилот тæхæн аппараттæ.

Уый дзуаппæн  Тайваны хицауад  Китайы фæаххосджын кодта сакъадахмæ  бырсты  репертицийы.

Пекин Тайваны нымайы  сæрмгонд территорийæ æмæ сакъадахмæ фæсарæйнаг  бæрзонд гæсты  визиттæн аргъ кæны  куыд Китайы  суверенитетмæ  хъавд.