Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады хъуыддагыл тæрхоныскъуыд, аппеляцион тæрхондон абон райхъусын кæндзæн
Тбилисы, Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады хъуыддагыл тæрхоныскъуыд абон суыдзæн бæрæг. Аппеляцион тæрхондоны тæрхонгæнджыты коллегий уынаффæ райхъусын кæндзæн 12:00 сахатыл. Рабадты фæстæ аппеляцион тæрхондоны журналисттæн уагъд æрцæудзæн специалон брифинг.
Зылынмæ лæвæрд Г.Б.-йы адвокаты Рамаз Чинчаладзейы фидиуæнæй, абон фæбæрæг уыдзæн зæгъгæ цас рæстаг, объективон æмæ принципон у тæрхондон.
Прокуратурæ аппеляцион тæрхоныскъуыды фыццагон аххосагы сбæлвырдмæ æнхъæлмæ кæсы, кæцы барæй марындзинад дары йæ хъуыдыйы.
Ацы хъуыддагыл дыккаг инстанцийы дауу кæнынц куыд прокуратурæ, афтæ – иргъæвæг фарс дæр.
Сахарон тæрхондоны уынаффæйæ, æнахъомы кæцыйы зылынджын кодтой Давит Саралидзейы марындзинады, йæ статийы квалификаци раивдтой æмæ йæ зылынджыныл банымадтой марындзинады архайды. Æрмæст æнахъом та, кæцйы аххосджын кодтой Давит Саралидзейы æмæ Леван Дадунашвилийы марындзинады, тæрхондон уыйы аххосджыныл æрмæст Дадунашвилийы марындзинады банымадта.
Сахарон тæрхон ацы хъуыддагыл тæрхоныскъуыд иу афæдзы размæ райхъусын кодта.