Ника Гварамиайы  Тбилисы аппеляцион тæрхондон ахсты ныууагъдта
Ника Гварамиайы Тбилисы аппеляцион тæрхондон ахсты ныууагъдта

«Мтавари Архи»-ы  бындурæвæрæг  æмæ генералон  директор Ника Гварамиайы, Тбилисы аппеляцион тæрхондон  ахсты ныууагъдта.

Ника Гварамиайæн уæдмæ  стæрхон кодтой  3 аз æмæ æхсæз мæййæ  ахст, кондадон  организацийы  æххæстбартæй фыдвæнды спайдайы  статийæ.

Генералон  прокуратурæ 2020 азы  6 сентябры, «Рустави-2»-ы  хъуыддагыл   аххосаг   Ника Гварамиайæн, афтæдæрæ «Рустави-2»-ы раздæры финансон   директор  Каха Дамениайæн  æмæ  «Интер Медиа Плюсы» директор Зураб Иашвилийæн бавдыста.   Ника Гварамиайы аххосджын кодтой,   рагафон бадзырдæй  къордæй, стыр бæрцæй  «Рустави-2»-ы сæрмагонд  мулкон   барты  ныппаплойы, коммерцион  гæртамы  æмæ мæнг  официалон  документты æрцæттæйы.