Хоравайы уынгыл марындзинады хъуыддаг бацахуыргæнæг Гуырдызстоны парламенты рæстæгмæ фæдæвзарæг камисы уæнгтæ, зылынмæ лæвæрд Мирза Субелианийы ææ Тенгиз Каландиайы рафарстой
Хоравайы  уынгыл  марындзинады  хъуыддаг бацахуыргæнæг Гуырдызстоны парламенты рæстæгмæ   фæдæвзарæг  камисы уæнгтæ,  зылынмæ лæвæрд  Мирза  Субелианийы ææ Тенгиз Каландиайы рафарстой

Хоравайы  уынгыл  марындзинады  хъуыддаг бацахуыргæнæг  Гуырдызстоны парламенты рæстæгмæ   фæдæвзарæг  камисы уæнгтæ,  зылынмæ лæвæрд  Мирза  Субелианийы ææ Тенгиз  Каландиайы   рафарстой.

Æрфарст цыдис   Глданы  пенитенцион №8  уагдоны  æмæ    авд сахаты  бæрц аххæссыд.

Камисы сæрдары Серги Капанадзейы ныхæстæм гæсгæ,   камисы  уæнгтæ  зæгъгæ  байхъуыстой  тынг цымидисон  дзуаппытæм  зылынмæ лæвæрдты æрдгæй,   фæлæ йæхæдæг  детæлтты раргом кæнынæй, йæхиуыл фæхæцыд.

«Тынг  цымидисон дзуаппытæ райстам,  æмæ цæй  зæгъын æй  хъæуы  ерын  детæлттыл  фæдыл   лæмбынæг нæ   радзурдзынæн, уымæн æмæ   ацы  информацийы   хъуамæ   деталонæй   равзара  Камис,  æмæ йæ  уый  фæстæ  æнæмæнгæй  хъуамæ    бамхасæм котекстмæ.  Цæй  зæгъын æй хъæуы    ацы  информацийы  рабæлвырд кæндзыстæм æмæ   йæ  сбардзыстæм  æндæр  гуырæнæй   райст информациимæ,  уый фæстæ та  фæбæрæг уыдзысты   хатздæгтæ» –  загъта  Серги Капанадзе.

Мирза  Субелиани –  прокуратурæйы раздæры  кусæг у,   кæцы  афтæдæр  у  Хоравайы уынгыл  цы   инцидент æрцыд   уым  фигурант иуæй-иу æнахъомы  фыд.  Ацы рæстæджы  уый  уæвы  развæлгъау  ахсты,   закъон халыны  фæдыл  кæй  нæ фехъусын кодта барадхъахъæнджытæн  уый  тыххæй.   Тенгиз Каландиа,   кæцы  у   хъуыддаджы иуæй-иу  сæйраг   æвдисæны  фыд,  ахст æрцыд  фыдракæнд  басусæг  кæныны  тыххæй.