Аппеляцион тæрхондон 5  июлы хъуыддагыл  тæрхонмæ лæвæрд  æхсæз уæнгы  зылынджынтыл банымадта, фæлæ  тыхмидзинады организацидзинады эпизоды сæ æнаххостыл банымадта æмæ сын æфхæрд фæкъаддæр кодта
Аппеляцион тæрхондон 5 июлы хъуыддагыл тæрхонмæ лæвæрд æхсæз уæнгы зылынджынтыл банымадта, фæлæ тыхмидзинады организацидзинады эпизоды сæ æнаххостыл банымадта æмæ сын æфхæрд фæкъаддæр кодта

Журналистты æмæ операторты  ныхмæ  физикон   тыхдзинады   тыххæй  тæрхонмæ  лæвæрдты, азылынджынтыл банымадта аппеляцион тæрхондон дæр, фæлæ тыхмидзинад организацийы  алкæй дæр æнаххостыл банымадта  æмæ сын æфхæрды æмгъуыдтæ фæкъаддæр кодта.   Хъуыддаг æххæссы Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы   оператор Илиа Твалиашвили æмæ цалдæр  медиафæрæзы   минæвæртты  хъуыддагыл   ноджы  цалдæр   эпизодмæ.

Фæнысангонд  уынаффæйæ, тæрхонгæнæг   Майя  Тетраули  5 июлы  хъуыддагыл  фыццаг  инстанцийы  тæрхонгæнæджы  уынафæ   хайгай   фæивдта æмæ тæрхонмæ лæвæрдтæ  æфхæрд дæр фæкъаддæр кодта.  Сæрмагондæй та,  тæрхонгæнæг   тæрхомæ лæвæрдты  тугтæрхоны барады  кодексы  225-æм статийæ, кæцы  тыхмидзинады  организацидзинад дары йæ хъуыдыйы  сраст  кодта, фæлæ  тугтæрхоны барады кодексы  126-æм , тыхдзинады статийæ сæ  зылынджынтыл банымадта.

Уымæ  æмбæлгæйæ,   Акаки  Накъашидзейæн,  Торникэ  Давлашеридзейæн, Давит  Къуталадзейæн, Отар  Гелашвилийæн, Цотне Чихладзейæн  æмæ Гиа Гигуашвилийæн  фæйнæ  цыппар азæй  ахст стæрхон  кодта.

Хъуыддаджы прокуррор  Тамар  Иакобидзе  куыд  райхъусын кодта афтæмæй,  зылынгæнæг  фарс  фæнысангонд  уынаффæимæ разы нæу  æмæ йыл Сæйраг Тæрхондоны  бахъаст кæндзæн.

Зылынгæнæг фарсы куыд хъусын кæны афтæмæй, Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы оператор Илиа Твалиашвилийы  хъуыддагыл  фыццаг инстанцийы  уынаффæйыл хъаст кодтой, фæлæ  хъуыддаджы экспертизæйы   хатдзæг ацы рæстæгмæ нæу бавдыст, цæй  тыххæй дæр  горæты тæрхондоны уынаффæ  æнæивгæйæ баззад.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмй Тбилисы  горæты  тæрхондон   Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  оператор  Илиа Твалиашвилийы   эпизодыл,  зылынмæ лæвæрд   Цотне  Чихладзейæн,  117-æ  статийы ( æнæниздзинад  барæй  уæззау  базиан кæнын) кваификаци равидта  126-æм статийæ, кæцы йæ хъуыдыйы  дары  тыхмидзинад. Ивгъуыд  азы  4 апрелы  Цотне Чихладзейæн   фыццаг инстанцийы  тæрхондон  фондз азы æмгъуыдмæ ахст  стæрхон  кодта.