Аппеляцион тæрхондон Николоз Басилашвилийы фæдыл горæты тæрхондоны растгæнæг уынаффæ йæ тыхы ныууагъдта
Тбилисы аппеляцион тæрхондон теннисист Николоз Басилашвилийы фæдыл фыццаг инстанцийы тæрхондоны уынаффæ йæ тыхы ныууагъдта æмæ раздæры бинойнагы ныхмæ психологион æмæ физикон тыхмидзинады æнаххосджынæй банымадта.
Рабадтыл нæ уыдысты Николоз Басилашвили æмæ Нели Дорохъашвили.
Зылынгæнæг фарс хъусын кæны, цæмæй аппеляцион тæрхондоны уынаффæйыл Сæйраг тæрхондоны бахъаст кæндзысты.
Нели Дорохъашвилийы адвокаты дзырдæй, уынаффæйы фæивыны ныфс сæм нæ уыд. Анна Тавхелидзейы фидиуæнæй, уынаффæ кæд æртыккаг инстанцийы тæрхонды дæр нæ фæивдзæн, уæд Страсбургы тæрхондонмæ бахъаст кæндзысты.