Тæрхондон сывæллæтты цур иу ныйаргæы æрдгæй, иннæ ныйарæгы негативон контексты кой  кæнын, психологион  тыхмидзинадыл банымадта
Тæрхондон сывæллæтты цур иу ныйаргæы æрдгæй, иннæ ныйарæгы негативон контексты кой кæнын, психологион тыхмидзинадыл банымадта

Аппеляцион тæрхондон рахаста тæрхоныскъуыд  æмæ сывæллоны цур, иу ныйарæг иннæ ныйарæгы егативон  контексты  куы ракой  кæна,  уый  банымадта психологион  тыхмийæ.

ИНформацийы  уый тыххæй,   организаци «Патрнерад  Адæймаджы барты  тыххæй»   хъусын кæны.

Сæ хъусинагæй,   аппеляцион тæрхондон аивдта  фыццаг инстанцийы  тæрхоныскъуыд æмæ йæ  тыхы  ныууагъдта  МХМ-ы  фæдæвзарæгы   рауагъд  уромæн  ордертæ.

«Организаци «Патрнерад  Адæймаджы барты  тыххæй»-мæ  барадон æххуысы нысанæй басидтис  мад, кæцыйы  ныхæстæм гæсгæ,  сывæллæтты фыд  уыйы  йæ хъæбулты раз, йæ кой  кодта  тынг æппæрццаг  контексты, цæй тыххæй  дæр  сывæллæттæ  тынг æрхæндæг æмæ  тарст уыдысты.   Мад банымадта, цæмæй  фæнысангонд  факт  уыдис  сывæлттыл  психологион хъомыс дарынад  æмæ  фехъусын кодта социалон  агентадæн  психологимæ контакт сфидар кæныны нысанæй.  Сывæллæтты   социалон кусæгы  цур   рафарстой, кæцы рæстæджы дæр , уыдон сбæлвырд кодтой  сæ фыды  ныхæстæ.

Æрцæугæйы фæстæ,  фыд  та  акодта  сывæллæтты æмæ сын загъта цæмæй  зæгъгæ  кæд ма  барадхъахъъхæнæг органтæн рæстдзинад  загътаикой,  удæ  сæ  мад æмæ фыд  иумæ нал  фæцардаиккой æмæ хъуыддаг бирæ  фæвазыгджындæр уыдаит.  Мады ныхæстæм гæсгæ,  сывæллæттæ  хатыдысты  уæззау  психологион  æлхъывд, кæцы  æвдыст цыдис  æнæхуыссæгæй, иугæндзонæй  тынггонд æмæ   знæт  уавæры уæвгæйæ  æмæ тасы.   Фæнысангонды  бындурыл, мад æрдомтта   фыды æрдæм  уромæн  ордер рафыссын.

Уый  æппæтмæ гæсгæ,  мидхъуыддæгты министрады Тбилисы полицийы   депратменты  иуæй-иу   районон  уагдоны   фæдæвзарæг,  радæтта   уромæг ордертæ.  Фыды æрдгæй  сахарон тæрхондоны  уромæг ордерыл бахъаст кæныны фæстæ та,  фыццаг инстанций  аивдта  фæдæвзарæгы  рауадзгæ ордертæ» – банысангонд у  организацийы   информацийы.

Афтæмав  сæ информацийæ,  PHR-ы барадон  æххуысы  фæстиуæгæн,  тæрхондоны   фæнысангонд  тæрхоныскъуыдыл хъаст бацыд   аппеляцион тæрхондонмæ,  кæцы  сразы ис  организацийы  юристты  позициимæ, банымадта, цæмæй  иу   ныйарæгы  æрдгæй,   сывæллæтты  цур уæвгæйæ иннæ ныйарæг негативон контексты  кой кæнын, уыдис  психологион  тыхмидзинад æмæ  йæ тыхы  ныууагъдта  МХМ-ы  фæдæвзарæгы   адæтгтæ  уромæг ордертæ.

Фыдæн  30 боны  æмгъуыдмæ  фæтобæ ис  сывæллæттæм хæстæг бацæуын æмæ семæ  цыфæнды хуызы  коммуникаци.