Къæвдаджын боныхъæд Гуырдзыстоны 14-æм апрелы онг уыдзæн
Къæвдаджын боныхъæд Гуырдзыстоны 14-æм апрелы онг уыдзæн

Гуырдзыстоны 14-æм апрелы онг уыдзæн парахат къæвдатæ, иуæй-иу районты тыхджын къæвдатæ, гæнæн ис æмæ уа арвнæрд, тыхджын дымгæ æмæ хæххон районты сыджыт-лæсæнон процессты инициаци æмæ активацийы тæссагдзинад – уый фæдыл информацийы хъусын кæны националон алфæмблайы агентад.

Синоптикты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 9-10 апрелы æхсæвы хæххон бынæтты уæлдæфы температурæ -2, -4 градусы онг æрхаудзæн.

“Æппæрццаг температурæтæ гæнæн ис æмæ зиан æрхæссой дыргъбæлæстæн дидинæфтыд фазæйы. Æнхъæлмæкæсинаг къæвдатæ гæнæн ис æмæ расайой цæугæдæтты доны æмвæзады нысаниуæгджын рæзт, хæххон бынæтты лæбырдтыты равзæрд, æмæ хохаг æмæ хæххон бынæтты сыджыт-лæсæнты инициаци æмæ активаци. Тæссагдзинады æмвæзад у астæуккаг”, – дзырдæуы информацийы.