Кæмæ æмбæлдзæн æххуыс антикризисон пъланмæ гæсгæйæ - финансты министры æмбарынгæнæн презентаци
Абон уагъд презентацийыл финансты министр Иванэ Мачъавариани райхæлдта цæмæй æмбæстæгты кæцы къордтæм хауы æххуысы пълан.
«Пъланæй бæрæг мадзæлттæ хауынц адæймæгтæм, кæцытæ нал исынц мызд, сты æнæмызд æнцойуагъды кæнæ рæстæгмæ æгуыст, алкæцы сæ райсдзæн 1200 ларийы бæрц пакет иннæ 6 мæйы дæргъы, æрвылмæййонæй 200 ларийы.
Ацы къордтæм хауынц адæймæгтæ, кæцытæ нырмадæр кусынц, ацы цауы нæм ис кусæнуатты бавæрыны программæ, кæцыйæ хи æрдгæй бæрæг кæны – алы куыстдæттæг, компани, юридикъон уæнг, кæцы бавæрдзæн кусæнуат (1500 ларийы онг) физикъон уæнгы 750 ларийы бæрц æфтиагы фидинагæй ссæрибар уыдзæн æмæ уый дæр иннæ æхсæз мæйы дæргъы» – загхъта министр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ нысаниуæгджын у, цæмæй социалон æххуыс афтæдæр хауы хæдфæллойгæнджытæм.
«Уымæй уæлдай ма, ис хæдфæллойгæнджытæй кæй хонынц ахæм адæм. Ацы къорды æрдæм нын ис бæрæг ахаст. Уый у тынг æнцон фæндаг, цæмæй куыд хъуамæ сбæлвырд кæной фæнысангонд уæнгтæ уый, цæмæй истой æфтиаг кризисы æрлæууды онг. Ацы цауы, æнæнизхъахъъæды министрадимæ иумæ бакуыстам схемæ, кæцымæ гæсгæ дæр идентификаци скæндзыстæм уыцы адæймæгты, чидæриддæр æндæр æмæ æндæр сферæтыы архайдтой, сæ нымæцы амалиуæгдæрттæ, микроамалиуæггæнджытæ, æмæ æндæр статус кæмæн ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæм бирæ æнцон дæр уыдзæн ахæм æххуыс бадæттын. Фæлæ дзы ис адæймæгты къорд, кæцытимæ цъус зындæр у уый сбæлвырд кæнын, цæмæй сæм уыд цавæрдæр æфтиаг æмæ ацы æрдгæй дæр архайæм максималонæй фæлмæн балæуд равдисæм» – райхъусын кодта министр.
Уымæй уæлдай ма, йæ ныхæстæм гæсгæ, пълан æххæссы ссоциалонæй æдых алы къордмæ.
«Афтæдæр сты къордтæ æмæ бинонтæ, кæцытæ социалонæй сегасдæр мæгуыртæ сты. Сæ нымæцы ис бинонтæ, кæцыты социалон рейтингы баллтæ сты 65 000-æй 100000 баллы онг æмæ уыдон райсдзысты 600 ларийы бæрц æххуыс фæдылдзог æхсæз мæйы дæргъы, афтæдæр бинонтæ кæцыты рейтинг у 100 000 баллы онг, кæцытæн ис æртæ кæнæ æртæйæ фылдæр 0-æй 16 азы онг кары хъæбултæ, уыдон дæр 600 ларийы æххуысы бенефициартæ уыдзысты. Уымæй дарддæр ма, дырыс бæрæг амалхъомдзинад цух уæнгтæ æмæ 18 азы онг кары амалхъомдзинад цух æвзонгтæ (40 000-ы онг æмбæстаг) уыдон дæр 600 ларийы бæрц æххуысы бенефициартæ уыдзысты» – хъусын кæны министр.