Эргнеты инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты корды фембæлды хайад райсдзæн OSCE-ы генералон нымæрдар
Эргнеты цæуы инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагир кæныны механимзтыл кусæг корды 100-йæм фембæлд, кæцыйы хайад исы Гуырдзыстоны визитæй уæвæг OSCE-ы генералон нымæрдар Хельга Мария Шмид.
Фембæлдыл фарсытæ кæсынц оккупацион хаххгæрон айтынггонд фæзындтæ. Сæйраг фарста уыдзæн де-факто режиммæ æнæзаконон ахсты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты ссæрибар кæнын.
Уыимæ иумæ, Гуырдзыстоны централон хицауад фембæлдыл слæууын кæндзæн фарста Заза Гахеладзейы æнæуæлдайныхасæй ссæрибар кæныны тыххæй, кæцыйæн оккупацигонд Цхинвалы тæрхондонæй цы хонынц, уыцы уагдон стæрхон кодта 12 аз æмæ æхсæз мæйæ æнæзаконон ахст.
Эргнеты сты Заза Гахеладзейы бинонты уæнгтæ. Фембæлды размæ семæ фæныхас кодта ПÆК-ы аналитикон департаменты директоры хæдивæг Ираклий Антадзе. Бинонтæ протестон акцитæ ауадзын план кæнынц æмæ хицауадæй домынц фылдæр архайадон къахдзæфтæ саразын.
Ацы рæстæгмæ де-факто режиммæ æнæзаконон ахсты сты Заза Гахеладзе, Геннади Бестауты æмæ Лаша Хетерели.