Эргнеты цæуы  инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны къорды  радон фембæлд
Эргнеты цæуы инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны къорды радон фембæлд

Эргнеты цæуы  инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны къорды  фембæлд.   Фембæлды  фарсытæ  фæстаг дыууæ мæйы  дæргъы  оккупацион  хаххы  цур  уæвæг уавæрыл тæрхон кæнынц.

Фембæлдыл сæйраг фарста  фæстæмæ  оккупацион  тыхты æрдгæй  ахст  Гуырдзыстоны æмбæстæгты   ссæрибар кæнын уыдзæн.   Ацы рæстæгмæ  Гуырдзыстоны аст æмбæстаг  ис  де-факто режимы  амынæты.

Паддзахадон æдадсзинады куысты аналитикон   хайады  къухдариуæггæнæджы хæдивæг, Ираклий Антадзе  Эргнеты  фембæлды  размæ куыд райхъусын кодта афтæмæй,  иуæй-иу  æрцахстуæвæгы  тæрхоны процесс, цæугæ  къуыримæ  у нысангонд.

«Абон æркæсдзыстæм æнæзаконон æрцахсты факттæ æмæ рæкурдзыстæм æрцахстуæвджыты  фæдыл   æппынфæстаг информаци.  Цы бæрæггæнæнт нæм ис  уыдонмæ гæсгæйæ,  Мамука Чхиквадзейы тæрхоны процесс цæугæ  къуыримæ у нысангонд. Фембæлдыл  афтæдæр  баххæсдзыстæм æнæзаконон  бордеризацийы  факттæм.  Раззаг Фембæлдæй абоны онг   иу факт сфиксир ис  оккупацигонд Дисевы цур, цы ран  ныссагъдтой хъæдæй  цæджындзытæ. Æнæзакъонон ахуырты  тыххæй куы зæгъæм, уæд та,  уый   знаггад кæны  бынатыл æдасдзинады уавæрæн æмæ ацы факт ноджы иу  хатт  карз спротест кæндзыстæм», – райхъусын кодта Ираклий Антадзе.