Ираклий Антадзе -  Эргнеты  фембæлдыл  сæвæрдтам  æнæзакъонон ахсты уæвджыты ссæрибаркæныны  фарста
Ираклий Антадзе - Эргнеты фембæлдыл сæвæрдтам æнæзакъонон ахсты уæвджыты ссæрибаркæныны фарста

 

Оккупацигонд Цхинвалы арæнгæрон, хъæу Эргнеты  инциденттæ  маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны  механизмы  фæлгæтты фембæлд  ацыд.

Фембæлды фæстæ  бæрæг ссис, цæмæй  оккупацигонд  Цхинвалы   абоны æнæзакъононæй  ахст  Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстагы,  Димитри Коринтелийы  æмæ Гиорги Меладзейы  а.х. тæрхонон процесс цæуы.

ПÆК-ы аналитикон  департаменты директоры    хæдивæгы, Ираклий Антадзейы  фидиуæнæй,   фембæлдыл  сæйраг  фарста уыд  Тамаз Гинтурийы  марындзинад.   Гуырдзыстоны центарлон  хицауады минæвæрттæ   ноджы иу хатт æркуырдтой  марыдзинады  хайадисæг   уæнгты  идентификаци æмæ  сæ карз  бафхæрын, фæлæ оккупацион режим  нырмадæр дæр архайы,  цæмæй а.х.  арæнхъахъхъæнджытæ  закъоны фæлгæтты  архайдзысты.

Куыд фæнысан ис афтæмæй,  æркастыты  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  æнæзакъонон æрцахсты æмæ а.х. бордеризацийы  факттæ.  Фæстаг  дыууæ мæйы  дæргъы  оккупацион хаххы  цур æнæзакъононæй  бордеризацийы факт  сфиксир ис, æнæзакъононæй æрцахстой  Гуырдзыстоны иу æмбæстагы.

«Айзæлын кодтам нæ  позици   нулы йас  коеффийциенты фæдыл, цæмæй   бынæттон цæрджытæн   æдæрсгæйæ уа сæ бон  оккупацин  хаххы дæргъмæ  змæлд.  Нæ позици у  нæивгæ æмæ активонæй кусæм  æхсæнадæмон партнертимæ иумæ, цæмæй минимумы онг æрцæуа  ацы  азар. Тамаз Гинтурийы  хъуыддагыл,  Уæрæсейы  Федерацийы æрдгæй  хайадисджытæй æркуырдтам,  бавдыстаиккой   ранæуæггонд  информаци. Хъыгагæн, уыдонæй райстам   традицион  дзуапп. Сæрмагондæй та нын  загтой, цæмæй  фæдаугырд ацыд  æмæ  а.х. арæнхъахъхъæнджытæ архайдтой сæрмагонд  æххæсбрты  фæлгæтты. Ахæм  позици  у мæтæфтауæг  йæ цинизмæй.  Гуырцъиты Дауыты   тыххæй  куы  зæгъæм,  ацы  фарста  æвæрд уыд, уымæн æмæ бынæтон   цæрджытæ сты тарст.  Ацы  гоймаг у  интерполæй агуырды  уæвæг  фыдгæнæг, кæцы  тæрхонмæ лæвæрд у  централон хицауады  контролгонд террторийыл  æмæ  уый у серьозон риск  æдасдзинады уавæрæн», –  райхъусын кодта ПÆК-ы  аналитикон  департаменты  директоры хæдивæг  Ираклий Антадзе.