Алфæмблайы националон агентад цæрджыты фæдзæхсы Скæсæн Гуырдзыстоны æввахс бонты фæфыддæр боныхъæды фæдыл

15:17, 06.07.2026

Алфæмблайы националон агентад цæрджыты фæдзæхсы æввахс бонты Скæсæн Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды тыххæй.

Синоптикты информацийæ, 6-æм июлы кæронæй 9-æм июлы фыццаг æрдæгмæ, Скæсæн Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у рæстæгæй-рæстæгмæ къæвдатæ, иуæй-иу рæтты – тыхджын, Къахеты районы – тынг тыхджын. Гæнæн ис арвæрттывд, къæвда æмæ дымгæйы фæтыхджындæр кæнын.

«Æнхъæлмæкæсинаг тыхджын къæвдатæ гæнæн ис расайой Скæсæн Гуырдзыстоны цæугæдæтты доны æмвæзады нысаниуæгджын рæзт, Къахеты регионы чысыл цæугæдæттыл æнæнхъæлæджы донивылдтæ, афтæ дæр хохаг æмæ хæххон бынæтты сыджыт-лæсæн  процессты райдайæн æмæ активаци (Къахеты регионы тæссагдзинады æмвæзад у бæрзонд, иннæ территорийыл –  астæуккаг) – дзырдæуы алфæмблайы националон агентады расидæны.

Хуыздæр