Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили, ИНО-ы генералон ассамблейы фæлгæтты, фембæлдис Европæйы æдасдзинады æмæ æмгуыстады фæдыл организацийы (OSCE) генералон нымæрдар Хельга Шмидтимæ.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады пресс-куысты информацийæ, фембæлдыл бахахх ис Гуырдзыстоны æнтыстджын æмгуыстад OSCE-имæ. Гуырдзиаг арфæгæнæг уыд генералон нымæрдарæн Гуырдзыстоны фарста организацийы бонвæткы бæрзонд æмвæзадыл кæй ныууагхдта æмæ конфликты сабырæй алыгы процессы OSCE-ы бастдзинады тыххæй.
«Фембæлдыл фарсытæ æркастысты регионы уæвæг æдасдзинады уавæр æмæ Уæрæсе Украинайы цы æфсæддон агресси дарддæр кæны, уый. Банысан ис Гуырдзыстоны активон бастдзинад организацийы фæлгæтты Украинайы фарсхæцæг архæйдтыты сыххæсты процессы.
Фарсытæ сæрмагонд хъусдард раздæхтой оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты уæвæг уавæрмæ. Бахахх ис организацийы бастдзинады нысаниуæг Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты процессы æмæ фæнысангонд форматы прогрессы æнæмæнгхъæуындзинад», – банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусинаджы.
Афтæма сæ информацийæ, фембæлдыл бахахх ис Гуырдзыстоны роль, Хуссар Кавказы регионы сабырдзинад æмæ стабилондзинад сфидар кæныны фарстайы.