Эргнеты фембæлдыл фæуынаффæ кодтой Куадзæны бæрæгбонтыл  а.х. ауадзæн пунктты байгомы фæдыл
Эргнеты фембæлдыл фæуынаффæ кодтой Куадзæны бæрæгбонтыл а.х. ауадзæн пунктты байгомы фæдыл

Байгом уыдзæн  æви нæ   ахизæн пункттæй  цы  хонынц уыдон æмæ  лæвæрд уыдзæн æви нæ   оккупацион хаххы дыууæдæр фарсыл  цæрæг адæмæн  Куадзæны бæрæгбонмæ  сæрибарæй  змæлды æмæ   уæлмæрдтæм  рацыды фадат, – ууыл абон Эргнеты  инциденттæ маруадзыны   æмæ сыл реагиркæныны   механизмты  къордты  фембæлдыл   уынаффæ кодтой. Де-факто режим ацы фарстыл   уынаффæ  Евроцæдисы  тæвд хаххы фæрцы  фехуъсын кæндзæн. 2008 азы  хæсты фæстæ оккупацигонд  территорийыл баззайæг уæлмæрдтæм  рацæуыны фадат   цæрджытæн æрмæст дыууæ  хатт уыд лæвæрд.

Фембæлдыл гуырдзиаг фарс  ноджы иу  хатт  æркуырдта  æнæзакъонон ахсты уæвæг  Гуырдзыстоны æмбæстæгты ссæрибар кæнын. Ныхас уыд  Гуры  муниципалитеты  хъæуты цур уырыссаг æфсæддæтты  æрдгæй æнæзакъонон    инсталяцитæ сногыл дæр.  Январæй  абоны онг, æнæзакъонон    бордеризацийы  æхсæз факт сбæрæг ис.

«Ныуазæн æмæ  донхæрæн доны фарстаты фæдыл  ацæудзæн  техникон фембæлд  æмæ  алы разæууæл ис, цæмæй ацы проблемæ  алыг уа афтæ, куыд раззаг азты.  Куадзæны бæрæгбонты  сæрибарæй змæлды тыххæй куы зæгъæм,  æкастыстæм   фадат, цæмæй а.х. ауадзæн пункттæ байгом уæт  цалдæр бон агъоммæ. Афтæма  фæуынаффæ кодтам, цæмæй  оккупацион  хаххы  дыууæдæр фарс цæрджытæм уа фадат  уæлмæрдтæм ацæуын  æмæ  сын  æнæпроблемæйæ змæлды фадат уа.  Ис  бæрзонд  æввæццæгæнад, цæмæй  уынаффæ уыдзæн ист, фæлæ   бæлврд зæгъдзынæн, цæмæй  уынаффæ хаст куы æрцæудзæн уæд  нын  æй  фехъусын кæндзысты  тæвд хаххы фæрцы», –  райхъусын  кодта  фембæлды фæстæ ПÆК-ы аналитикон   департаменты   директоры  хæдивæг Ираклий  Антадзе.