Ираклий Антадзейы информацийæ, æнæзакононæй ахст Гуырдзыстоны æмбæстаг Гела Гочъошвилийæн де-факто режим иу афæдзæй ахст стæрхон кодта
Æнæзакононæй ахст Гела Гочъошвилийæн оккупацигонд Цхинвалы а.х. тæрхондон, иу афæдзæй ахст стæрхон кодта. Фæнысангонды фæдыл Эргнеты фембæлдыл ссис бæрæг æмæ медийæн ПÆК-ы аналитикон департаменты директоры хæдивæг Ираклий Антадзе фехъусын кодта.
Эргнеты инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты къорды фембæлд абон æхсæз сахаты дæргъы цыдис. Ираклий Антадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ фембæлдыл æркастысты алы уыц инцидент, кæцы æрцыд оккупацион хаххы цур фæстаг рæстæджы.
«Фембæлдыл æркастыстæм алы уыцы инциденттæ, кæцытæ æрцыд фæстаг периоды. Афтæдæр фæныхас кодтам æмбæстæгты æнæзаконон æрцахсты факттыл æмæ æнæзаконон бордеризацийы процессыл. Фембæлдыл нын базонын кодтой информаци Гела Гочъошвилийы тыххæй. Уымæн иу афæдзæй ахст стæрхон кодтой. Уыцы аххосæгтæ, кæцытæ йын бавдыстой, бынатон æнæбындур сты» – райхъсын кодта Ираклий Антадзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, централон хицауады минæвæрттæ Бестауты Геннадийы æнæзаконон ахстыл фæныхас кодтой. Бестауты Геннадийы æнæниздзинады уæззау уавæры оккупацигонд Цхинвалæй, Тбилисы иуæй-иу клиникæмæ дыууæ боны размæ æрластой. Уымæн инсульт уыдис.
Куыд банысан ис афтæмæй, фембæлдыл гуырдзиаг фарс, ноджы иу хатт æркуырдта Ахалгоры ахизæн пункты байгом кæнын.