Эммануэль Макрон Францы ног премьер-министрæй снысан кодта Франсуа Байруйы
Эммануэль Макрон Францы ног премьер-министрæй снысан кодта Франсуа Байруйы

Францы президент, Эммануэль Макрон, бæстæйы ног премьер-министрæй снысан кодта центристон политик Франсуа Байруйы. Уый фæдыл «Франц 24» хъусын кæны.

Франсуа Байру ныридæгæн фембæлд Эммануэль Макронимæ Елисейы галуаны.

Информацийæн, бæстæйы премьер-министр Мишель Барнье йæ бынатæй ацыд. Кæронбæттæн рахизфарсон «Националон цæдис» æмæ галиуфарсон «Ног адæмон фронт» баиу сты сæ тыхтæ æмæ Мишель Барньейы хицауадмæ æнæууæнкдзинад равдыстой.

Фæстаг 60 азы дæргъы парламент хицауадмæ æнæууæнкдзинад равдыста фыццаг хатт. Барниеры хицауад куыста æрмæстдæр 90 боны. Уый аххосаг уыд бюджетон закъоны депутаттæ æнæ йæ сразыдзинадæй райст, кæцы бюджетон хæрдзты 40 миллиард евройы фæкъаддæр кæнын æмæ æмтгæй райсгæйæ 20 миллиардæй хъалонты фæфылдæр уыд йæ зæрдыл.