Элизабет Дыккагы  мардæвæрæны  церемонийы æхсæнадон хай фæцис [фото]
Элизабет Дыккагы мардæвæрæны церемонийы æхсæнадон хай фæцис [фото]

Иугонд Паддзахады  Успаддзахы  Элизабет Дыккагы   мардæвæрæны  церемонийы  æхсæнадон  хай  фæцис.  Мардбуар  Уиндзоры   галуаны   Сыгъдæг Георгийы  номыл аргъуаны бавæрдтой.  Фæстæдæр   мардæвæрæны церемони   къаннæг  зылды,  бинонты уæнгты æхсæн   адарддæр ис.  Сыгъдæг Георгийы  аргъуаны  уагъд  службæйыл уыд  800-ы  онг адæймаг.  Церемонийы фæуды  фæстæ, успадзахы  алы  титул райхъусын кодтой æмæ ацагъдтой  хæрзбоны  мелодий.  Архиепископ   ракуывта  паддзах   Чарльз Æртыккагæн  æмæ айзæлын кодта   националон   гимн.

Уиндзормæ  аласыны онг   маройы  церемони  ацыд  Вестминстеры, кæцыйыл уыд  2000  мин адæймаг.  Церемонийыл паддзахон бинонты уæнгтæ, парламенты уæнгтæ, бæстæйы  архайæг  æмæ  раздæры  премьер-министртæ æмæ  спеиалонæй  ацы  бонмæ  Британимæ ныццæугæ  æндæр æмæ æндæр  бæстæты лидертæ бацыдысты – АИШ-ы   президент Джо Байден йæ  бинойнаг Джил байденимæ иумæ, Канадæйы  премьер-министр, Францы  фыццаг уæнг  æмæ  æндæр лидертæ.  Церемонийы  уыд  Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Гуырдзыстоны.

Успаддзах Элизабет Дыккаг 8 сентябры  96 азы  кары  амард.  Уый падзахы  къæлæтджын  ахста  79  азы дæргъы.

Иугонд  падзахады  саударæн бонтæ  адарддæр уыдзысты 26  сентябрмæ.