Мака Бочъоришвили ныхас кодта Иугонд Паддзахады паддзахадон министр Стивен Доутиимæ
Мака Бочъоришвили ныхас кодта Иугонд Паддзахады паддзахадон министр Стивен Доутиимæ

Гуырдзыстоны æддаг хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили телефонæй ныхас сарæзта Иугонд Паддзахады FCDO-йы паддзахадон министр Стивен Доутиимæ Европæйы, Цæгат Америкæйы æмæ фæсарæйнаг территориты фарстаты фæдыл.

Ай фæдыл информаци Гуырдзыстоны æддаг хъуыддæгты министрад парахат кæны.

Уагдоны информацийæ, министртæ Гуырдзыстоны фæстаг рæстæджы цаутæм æмæ дыууæ бæстæйы æхсæн ахастыты динамикæмæ æркастысты.

«Иугонд Паддзахады паддзахадон министр ноджы иу хатт расидтис Иугонд Паддзахады позици æмæ тыхстдзинад Гуырдзыстоны цæугæ процессты фæдыл. Йæхи æрдыгæй, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр паддзахадон министрæн базонгæ кодта ныхасы рæстæджы раразмæгонд фарстаты фæдыл æмæ расидтис йæ зæрдæрыст Иугонд Паддзахады æрдыгæй Гуырдзыстонмæ ахасты ист уынаффæты фæдыл, кæцы æндæр æмæ æндæр хъуыддæгтимæ иумæ йæ зæрдыл дары стратегион диалогы форматы радон раунд æмæ бæстæйæн программон фарсылхæцындзинады фæурæд. Министр бахахх кодта æмкуысткæнынад «Вардропы стратегион диалогы» форматы æмæ ныфс бавæрдта, цæмæй тагъд рæстæджы радон фембæлдтæ сног уыдзысты. Мака Бочоришвили бахахх кодта, цæмæй Гуырдзыстоны цæугæ процессты объективон æмæ æнæхин аргълæвæрд сæрмагонд нысаниуæгджын у. Уый афтæ дæр фæныхас кодта Гуырдзыстоны уагъд парламентон æвзæрстытыл, йæ фæстиуджытæ æмæ политикон спекуляцитыл, кæцытæ абон дæр даргъ кæнынц оппозицийы фарсæрдыгæй. Ныхас афтæдæр баххæсыд бæстæйы цæугæ протесттыл, кæцыты рæстæджы ноджы иу хатт банысан ис протестты сабырадонæй æмæ закъонмæ гæсгæ ауадзыны æнæмæнгхъæуындзинадыл, гуырдзиаг фарс бритайнаг фарсæн лæвæрдта информаци, закъоны хæлдтыты тыххæй паддзахады дзуаппы фæдыл протесты рæстæджы бафиппайдтой. Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады сæргълæууæг ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны æнæфæцудгæдзинад европон æмæ евроатлантикон тырнындзинæдтыл; Уый афтæ дæр бахахх кодта Гуырдзыстоны рол, куыд регионы æнгом æмæ æууæнкджын партнер, кæцы фæстаг азты бирæ хатт сбæлвырд ис. Фæстаг рæстæджы арæзт процесстæ хынцгæйæ, хъусдард здæхт уыд Гуырдзыстоны хицауадимæ диалогы æнæмæнгдзинадмæ нысаниуæгджын фарстыты фæдыл ныгуылæйнаг партнерты æрдыгæй», – ис фыст æттаг хъуыдтæгты министрады рапарахатгонд информацийы.