Экономикæйы министр Натиа Турнава – Гуырдзыстоны экономикæ сындæггай æздæхы позитивон рæзынадмæ
Гуырдзыстоны экономикæ сындæггай æздæхы позитивон рæзынадмæ. Публикацигонд æрцыд сентябры мæйы æддæ базарады статистикæ æмæ тынг æхсызгон у уый, цæмæй нæ экспорт сентябры 8.6 процентæй райрæзтис. Параллелонæй фæкъаддæр ис импорт æмæ уый та нын амоны, цæмæй æддæ базарады баланс фæхуыздæр ис – ахæм комментари сарызта экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава «Сакстаты» 2020 азы сентябры æддæ базарады фæдыл экспресс-бæрæггæнæнтыл ныхасы рæстæджы.
Министры фидиуæнæй, экспорты рæзынады сæрмагонд хай хауы хъæууон-хæдзарадон æмæ текстилы дзаумайы экспортмæ.
«Сакстатмæ» гæсгæйæ сентябры экспорт райрæзтис æмæ йæ бæрцуат аххæссыд 332 милуан ларимæ. Ацы рæстæджы фæхуыздæр ис базарадон дефицит 98,5 млн АИШ долларæй. 2020 азы январ-сентябры периоды тыххæй куы зæгъæм уæд, базарадон дефицит фæкаддæр ис 752,6 млн АИШ долларæй.
Январ-сентябры базарадон дефицит æддæ-базарадон зилдухы 40,8 процент уыд æмæ раззаг азимæ абаргæйæ, 1,8 процентон пунктæй фæхуыздæр ис. Банысан кæнын хъæуы, цæмæй 2019 азы экспорт ркордон бæрæггæнæнмæ 3,798,4 млн АИШ доллармæ ахæццæ ис æмæ раззаг азимæ абаргæйæ 12.4 процентæй райрæзтис.