Японийы, Ханедайы аэропорты авиакатастрофæйы фæстиуæгæн, донбылхъахъхъæды  хæдтæхæджы бадæг фондз адæймаг амард
Японийы, Ханедайы аэропорты авиакатастрофæйы фæстиуæгæн, донбылхъахъхъæды хæдтæхæджы бадæг фондз адæймаг амард

Японийы Ханедайы аэропорты  донбыл хъахъхъæды  хæдтæхæджы æмæ бæлццонон    хæдтæхæджы кæрæдзиуыл сæмбæлыны  фæстиуæгæн, донбылхъахъхъæды  хæдтæхæджы бортыл   уæвæг   фондз адæймаг амард.

«ВВС» хъусын кæны, цæмæй  донбыл хъахъхъæды  хæдтæхæджы пилот  бафæрæзта   рагæпп кæнын, фæлæ  уæззау  зиæнттæ райста.

Японийы  донбылхъахъхъæды  куысты  куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,  сæ сæрмагонд  хæдтæхæ  кæцы бæлццонон хæдтæхæгыл сæмбæлд, Нииигатайы  аэропорты æрдæм  змæлды, цæмæй Нотойы  æрдæгсакъадахыл   баххуыс  уыдаит   зæххæнкъуыстæй  зианбавзарæг адæмæн.

Блццонон хæдтæджы тыххæй  куы зæгъæм уæд, уым  уæвæг алы бæлццон   æмæ экипажы уæнгтæ аирвæзтысты.

Ханедайы   аэропорты æрцæугæ цауы  тыххæй ивд æрцыд  алы тахт.