Японийы Гуырдзыстоны минæвар социалон хызаджы фыссы цæмæй фидар зæххæнкъуысты  рæстæджы тагъдцæуæн поезды  бадтис,  поезды  змæлд ацы рæстæгмæ  урæд у
Японийы Гуырдзыстоны минæвар социалон хызаджы фыссы цæмæй фидар зæххæнкъуысты рæстæджы тагъдцæуæн поезды бадтис, поезды змæлд ацы рæстæгмæ урæд у

Японийы  Гуырдзыстоны минæвар абон  æрцæугæ  фидар зæххæнкъусты  рæстæгджы тагъдцæуæг  поезды   уыд.

Теймураз  Лежава сывæллæттимæ иумæ  ист къам  «Твитеры»  публикаци скодта.  Дипломат куыд фыссы афтæмæй, стихийы тыхæй  поезд урæд  у æмæ нырма  нæу бæрæг, кæд бауыдзæн йæ бон   минæварæн поездæй  æрхизын.  Телефонон æмæ интернетбастдзинад рæувадат сты.

«Ныфс мæ ис  æдасдзинад уыдзæн фыццаг бынатыл, æрмæст риоритетон уæд  уыцы районтæ, кæцытæ  базиан сты  æмæ  сын хъæуы  æххуыс», –   фыссы Лежава  «Твиттеры»  фарсыл.

Японийы метеорологион   куысты нæ цух кæнынц, цæмæй  зæххæнкъуыст гæнæн ис  фæдылдзог сахатты  рафæлхатт уа. Уыимæ  Японийы  хицауад хъусын кæны, цæмæй атомон объекттыл инцидентт не рцыд.

Бæрæгдзырдæн,  абон Японийы 7.6 магнитудæйы тыхы  зæххæнкъуыст уыд, кæцыйы фæстæ  уыд 50-ы онг фæлхатгæ  схуыст.  Ацы этапыл   уæлвæтк уавæрты куыстытæм фæхæццæ ис  хъусинаг  цæмæй  кæлддзæгты бын иууыл цъус   æхсæз  адæймаг баззад. Уæлвæтк уавæрты фæткдæттæг куыкуы куыд хъусын кæнынц афтæмæй  схуыстыты фæстиуæгæн  зиангнд сты  иууыл цъус  30  бæстыхайы.  Ишикавайы провинцийы  фæзындис   фидар  сыгъд.   Фæндагон  змæлд автомагистралтыл урæд у. Афтæма æрлæууыд Ишикавайы æмæ Токиойы æхсæн змæлæг   тагъдцæуæг поезд.  Фехъусын кдтой цунамийы азары тыххæй, фæлæ ацы рæстгæмæ  денджызыл  æрмæст иу метры бæрзæнды  уылæнтæ  сфикси сты.