Катары паддзахады Гуырдзыстоны минæварæй Варлам Авалиани снысан ис

19:26, 03.11.2025

Варлам Авалиани Гуырдзыстоны уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæварæй Катары паддзахады снысан ис.

Уый фæдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад расидтис.

Варлам Авалиани 2021-2025 азты «Медиахолдинг»-ы генералон директор уыд, кæцыйы сконды ис телекомпани «Рустави 2» æмæ цалдæр медиаплатформæ.

2019-2021 азты Варлам Авалиани уыдис Studio Maestro-йы æххæстгæнæг директор.

Варлам Авалиани 2012-2014 æзты уынаффæгæнæг æмæ Гуырдзыстоны хихъахъæнады министры хæдивæджы бынæтты куыста.

2014-2018 азты куыста консультацион куыстуæтты бастдзинады консультантæй. 1999-2013 азты уыд журналист æндæр æмæ æндæр телекомпаниты.

Хуыздæр