Японийыл йæхи ныццавдта  тропикон шторм «Лан»
Японийыл йæхи ныццавдта тропикон шторм «Лан»

Японийыл  йæхи ныццавдта  тропикон шторм  «Лан». Медиайы  информацийæ,  мингай адæймагы эвакуаци  бахуъыд, дæсгай мин абонент  та   æнæрухсæй   баззад.

Киотойы  æнæнцайгæ  къæвдайы фæстиуæгæн   ивылд цæугæдон  хид аласта.  Фидар  уады æмæ   дæлдзырæтты тыххæй,   афтæма  базиан ис  Кансайы, Шикокуйы æмæ   Чугокуйы   регионтæ.   Синоптикты прогнозæй,  сабыр океаны   донбылыл  абон æнхъæлмæкæсинаг у  шторм.

Стихийы  тыххæй  бынæттон хицауад  æмбæстæгты æнхъæлмæкæсинаг  сыджытлæсæны æмæ  донивылдты  тыххæй   фæдзæхсы.  Дæс префектурæйы  æмбæстæгты  эвакуацийы  барамынд раттой.   Урæд у  æфсæнвæндагон   змæлд,  куылымпыгондæй кусынц аэропорттæ.  Штормы  тыххæй  ивд æрцыд  800-йæ фылдæр рейс.