Японий Куриллы сакъадахтыл къазармæты арæзтады тыххæй, протест равдыста
Японий Куриллы сакъадахтыл къазармæты арæзтады тыххæй, протест равдыста. Уæрæсейы хицауад куыд бæлвырд кæны афтæмæй, сакъадах Итуруп æмæ Къунаширыл уырыссаг æфсæддæттæн æртæ иумæйаг цæрæндон самайдзысты 2019 азмæ.
Япони фæнысангонд сакъадахты сæрмагонд территорийыл нымайы æмæ Мæскуыйы уынаффæйыл протест кæны.
«Дойче Велле»- куыд фыссы афтææмй, æмбæлон нотæ дипломативон фæндæгтæй Кремльмæ ныридæгæн фæхæццæ кодтой.
Бакой уын кæндзыстæм, ноябры, Уæрæсей президент райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ йæ фæнды Япониимæ сабырадон бадзырд бафыссын. Ацы документы бафыссын растдæр фæнысангонд сакъадахты фæдыл даууы тыххæй не нтысы. ХЪуыддаг æххæссы, цыппар сакъадахмиæ, кæцыты Уæрæсе дыккаг дунейон хæсты рæстæджы бацахста. Японий ацы территорийыæрыздахын домы.