Японий  Куриллы сакъадахтыл  къазармæты  арæзтады тыххæй, протест равдыста
Японий Куриллы сакъадахтыл къазармæты арæзтады тыххæй, протест равдыста

Японий  Куриллы сакъадахтыл  къазармæты  арæзтады тыххæй, протест равдыста.  Уæрæсейы  хицауад куыд бæлвырд кæны  афтæмæй,   сакъадах  Итуруп æмæ  Къунаширыл  уырыссаг æфсæддæттæн æртæ   иумæйаг цæрæндон  самайдзысты  2019  азмæ.

Япони  фæнысангонд   сакъадахты  сæрмагонд территорийыл  нымайы  æмæ Мæскуыйы  уынаффæйыл протест кæны.

«Дойче Велле»- куыд  фыссы    афтææмй,     æмбæлон  нотæ  дипломативон  фæндæгтæй   Кремльмæ  ныридæгæн фæхæццæ кодтой.

Бакой уын кæндзыстæм, ноябры,   Уæрæсей президент  райхъусын кодта,   цæмæй  зæгъгæ йæ  фæнды Япониимæ  сабырадон  бадзырд бафыссын.  Ацы документы бафыссын   растдæр  фæнысангонд сакъадахты  фæдыл  даууы  тыххæй  не нтысы.   ХЪуыддаг æххæссы,    цыппар  сакъадахмиæ, кæцыты Уæрæсе  дыккаг дунейон  хæсты рæстæджы бацахста.  Японий ацы территорийыæрыздахын домы.