Иртасæнмæ  гæсгæйæ,  Турчы, Египеты æмæ Китайы,  журналистты бартæ сеппæтæй  арæх æмæ карз æфхæрд цæуынц
Иртасæнмæ гæсгæйæ, Турчы, Египеты æмæ Китайы, журналистты бартæ сеппæтæй арæх æмæ карз æфхæрд цæуынц

Турк, Египет  æмæ Китаййы схуыдтой ахæм бæстæтæй,   кæцыты дæр  сеппæтæй архæ   æмæ карзæй æфхæрд цæуынц  журналистты  бартæ.  Иртасæны фæстиуæджытæ публикаци кæны   журналистты  хъахъхæды  æхсæнадæмон   комитет.

Нырид дыккаг аз у,  ацы ранымады сæры кæй лæууы Турк.   Дунейы масштабæй  æфхæрды  æмгъуыд æрвитынц  262  журналисты.  Уыдонæй сеппæтæй фылдæр  73 журналист  ахсты сты  Турчы  æмæ  медийы  сеппæты  фылдæр минæвар, æфхæрды фæдыл скуыддзагмæ æнхъæлмæ кæсынц  Турчы.

Турчы  ахст журнаистты  фылдæр  тæрхонмæ лæвæрд сты  паддзахады   ныхмæ  фыдракæнды тыххæй. Афæдз æмæ æрдæгы  дæргъы Турчы  куыст бынат фесæфтой 2500   журналист æмæ  800 –йæн та байстой  прессæйы  æвдисæндæрттæ.

Журналистты   хъаххъæды æхсæнадæмон комитеты   къухдаиуæггæнæг   хъусын кæны,  цæмæй  журналисты сæрмагонд хæстæ æххст кæныны тыххæй  æфхæрдмæ раттын  æхсæнадæмон  закъондæттынады  ныхмæ у  æмæ   бандавы бæстæйы  имиджмæ.

«Иунæг журналисты дæр  хицауад  журнаистон  куысты тыххæй не рцахста.  Ахæстоны сты  уыдон,  кæцытæ терроризмы  æмæ  террористон организщацитæн  хæцыдысты сæ фарс  æмæ  сæхи  журналисттæй  хуыдтой» – расидтис  Турчы   фæсарæн  хъуыддæгты министр  Мевлут Чавушогълу.

Журналистты   хъаххъæды æхсæнадæмон комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ,   Китайы  ахст сты  41  журналисты, æрмæст Египеты та  20.