Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Ираклий Чиковани базонгæйы равгы фембæлд ауагъдта Италиайы минæваримæ, Миссимилиано Д’Антуоноимæ æмæ йæ зæдивæгимæ, Фабиола Албанезеимæ. Чиковани италиайаг фарсæн Гуырдзыстоны суверенитеты, территорион æнæхъæндзинадæн æмæ евроатлантикон тырнынады фæндагы фарсхæцыны тыххæй бузныг загъта.
Хъахъхъæнынады министрады хъусинагæй, фарсытæ дыууæ бæстæйы æхсæн хъахъхъæнынады сферæйы æнтыстджын æмгуыстады цæугæ фарстатæ афæлгæстой, кæцы Гуырдзыстоны æмæ Италиайы хъахъхъæнынады уагдæтты æхсæн бафыст æрвылазон планæй у бæрæг.
Уагдоны информацийæ, хъусдард здæхт уыдис бæрзонд æмвæзады вищитты æмæ æхсæнадæмон ахуырты иумæйаг хайады нысаниуæгыл. Фæнысан ис НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакеты (SNGP) инициативæты æнтыстджынæй сыххæсты Италиайы нысаниуæгджын хайбавæрд. Фарсытæ фæстиуæгджын æмгуыстады ноджы фылдæр стынг кæнынмæ цæттæдзинад равдыстой.