Ираклий Чиковани официалон визитæй Румынийы ис
Ираклий Чиковани официалон визитæй Румынийы ис

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр офиуиалон визитæй Румынийы ис.  Ираклий Чикованийæн сфысым кодта йæ румынаг коллегæ.

Румынийы хъахъхъæнынаы уагдоны размæ рацыды официалон церемонийы  фæстæ  коллегæтæ  срæмагонд фембæлд  ауагъдтой.

«Гуырдзыстоны æмæ Румынийы хъахъхæнынады  уагдтты æхсæн   æмгуыстады  фарстатæ  коллегæтæ  ауæрæхгонд   форматы  æркастыстыэ фембæлдыл  хъусдард здæхт уыдис  Гуырдзыстон-Румынийы  стратегион партнерады иумæйаг  декларациййæ бæрæг  æмгуыстадмæ, кæцы æндæр æмæ æндæр  кабазмæ æхæссы.  Ныхас уыд Сау Денджызы  регионы уæвæг æдасдзинады уавæрыл.  Хъусдард здæхт уыдис Гуырдзыстоны æмæ НАТО-йы  æхсæн  хъахъъхæнынады  сферæйы   дыууæфарсон æмгуыстадыл, афтæма НАТО-Гуырдзыстоны  архайадон  пакеты   сыххæст   Румынийы æмхайадыл. Ираклий Чиковани  хаххгондæй банысан кодта партнер бæстæтæн фарсхæцыны  нысаниуæг  Гуырдзыстоны иргъæфхъомад стынг кæныны æмæ евроатлантикон  интеграцийы фæндагыл.  Фембæлды фæстæ  Ираклий Чиковани æбæрæг æфсæддоны  уæлмæрдмæ  дидингуытæ  бахаста» банысангнд у Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады ахæлиугонд  информацийы.