Ираклий Чиковани визитæй Сомихыстоны ис
Гуырдзыстоны хъахъхæнынады министр Ираклий Чиковани официалон визитæй Сомихыстоны Республикæйы ис.
Ираклий Чикованийæн фысым кæны Сомихыстоны хъахъхъæнынады министр Сурен Папикян. Официалон размæ рацыды церемонийы фæстæ, коллегæтæ Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны æхсæн хъахъхъæнынады сферæйы æмгуыстады фарстатæ дыууæфарсон фембæлдыл æркастысты. Министртæ сыхаг бæстæты æхсæн хæлар ахастыты, регионы сабырады æмæ стабилондзинады нысаниуæгыл сцырын кодтой хъусдард.
Фарсытæ хъахъхъæнынады сферæйы æмгуыстады цæугæ фарстатæ æмæ фидæны плантыл фæныхас кодтой. Фембæлды кæрон Ираклий Чиковани æмæ Сурен Папикян, Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны хъахъхъæнынады уагдæтты æхсæн 2024 азы дыууæфарсон æмгуыстады план бафыстой.
Официалон визиты фæлгæтты Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Сомыхистоны Республикæйы премьер-министр Никол Пашинянимæ фембæлдзæн.
Информаци хъусын кæны хъахъхъæнынады министрады пресскуыст.