Ираклий Чиковани  Италиайы  минæваримæ фембæлдис
Ираклий Чиковани Италиайы минæваримæ фембæлдис

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Ираклий Чиковани  базонгæйы равгы   фембæлд ауагъдта   Италиайы минæваримæ, Миссимилиано Д’Антуоноимæ æмæ  йæ  зæдивæгимæ, Фабиола  Албанезеимæ. Чиковани  италиайаг  фарсæн   Гуырдзыстоны  суверенитеты, территорион æнæхъæндзинадæн  æмæ евроатлантикон  тырнынады фæндагы  фарсхæцыны тыххæй  бузныг загъта.

Хъахъхъæнынады министрады  хъусинагæй,  фарсытæ  дыууæ бæстæйы æхсæн  хъахъхъæнынады сферæйы æнтыстджын  æмгуыстады  цæугæ   фарстатæ  афæлгæстой, кæцы  Гуырдзыстоны æмæ Италиайы  хъахъхъæнынады  уагдæтты  æхсæн  бафыст  æрвылазон планæй  у бæрæг.

Уагдоны информацийæ, хъусдард  здæхт уыдис бæрзонд æмвæзады  вищитты æмæ  æхсæнадæмон ахуырты  иумæйаг  хайады нысаниуæгыл.  Фæнысан ис НАТО-Гуырдзыстоны  архайадон пакеты  (SNGP) инициативæты  æнтыстджынæй сыххæсты  Италиайы   нысаниуæгджын  хайбавæрд. Фарсытæ фæстиуæгджын  æмгуыстады ноджы  фылдæр  стынг кæнынмæ  цæттæдзинад равдыстой.