Ираклий Чиковани Украинæйы хъахъхъæнынады контакт къорды рабадтыл хайад исы
Ираклий Чиковани Украинæйы хъахъхъæнынады контакт къорды рабадтыл хайад исы

Гуырдзыстоны хихъахъæнады министр Германийы Федералон Республикæйы визитæй ис. Ираклий Чиковани, Рамштейны уæлдæфон базæйыл Украинæйы хъахъхъæнынады контакт къорды 25-æм фембæлды хайад исы.

Ай фæдыл информаци Гуырдзыстоны хихъахъхъæнады министрад парахат кæны.

Уагдоны информацийæ, Рамштейны форматы фембæлдыл хайад райсдзысты хихъахъæнады министрадты къухдариуæггæнджытæ æмæ Украинæйы фарсылхæцæг бæстæты бæрзонд рангы кусджытæ.

«Æхсæнадæмон къорды фембæлд байгом кодта АИШ-ы хъахъхъæнынады министр Ллойд Остин». Украинайы æхсæнадæмон фарсылхæцындзинады къорды уæнгтæ ныхас кæнынц Украинайы цæугæ хæсты координиргонд æфсæддон æххуысы æнæмæнгхъæуындзинадыл. «Украинаг хъахъхъæнынады контакт къорд 2022 азы апрелы АИШ-ы инициативæйæ арæзт æрцыд æмæ æмбырд кæны 50 бæстæйæ фылдæр, кæцытæ æххуыс кæнынц Украинæйæн», – ис фыст хихъахъхъæнады министрады расидæны.