Гуырдызстоны хъахъхъæнынады министр Азербайджаны минæваримæ æмæ  хъахъъæнынады атташэимæ фембæлдис
Гуырдызстоны хъахъхъæнынады министр Азербайджаны минæваримæ æмæ хъахъъæнынады атташэимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министр Ираклий Чиковани  Азербайджаны  Республикæйы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæваримæ Гуырдзыстоны, Фаиг  Гулиевимæ фембæлдис.

Хъахъхъæнынады  министрады  информацийæ,  базонгæйы равгы  фембæлдыл фарсытæ  дыууæ бæстæйы æхсæн  стратегион   партнерады æмæ  хæларсыхагон   ахастыты  нысаниуæгыл   фæныхас кодтой.

«Хъахъхъæнынады министр ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны цæттæдзинад,  сæрмгаонд хайавæрд скæна  Хуссар Кавказы  сабырады æмæ стабилондзинад сфидар кæныны процессы.  Хаххгондæй  фæнысан ис, бæрзонд æмвæзады визитты  позитивон динакмикæ дæр.

Фембæлдыл  хъахъхъæнынады сферæйы дыууæфарсон  æмгуыстады  райтынг кæныны  перспективæтыл  фæуынаффæ кодтой.   Хъусдард здæхт уыдис  æхсæнадæмон ахуырты  иумæйаг  хайады æмæ  æфсæддон   ахуыры  æрдгæй  æмгуыстады  фарстатыл.

Фембæлдыл Гуырдзыстоны  Азербайджаны Республикæйы  хъахъхъæнынады аташе, булкон  Фуад  Ибрагимов   уыдис», – банысангонд у  хъахъхъæнынады министрады информацийы.