Хъахъхъæнынады министр Гуырдзыстоны Эстонийы минæваримæ фембæлдис
Хъахъхъæнынады министр Гуырдзыстоны Эстонийы минæваримæ фембæлдис

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Ираклий Чиковани  Гуырдзыстоны Эстонийы  сæрмагонд æмæ æххæстбарджын  минæвар Рина  Кальюрандимæ  фембæлдис.

Хъахъхъæнынады министрады хъусинагæй,  базонгæйы равгы фембæлдыл  фарсытæ  бæстæты æхсæн  хъахъхъæнынады сферæйы æмгуыстады  фарстатæ æркастысты.

«Ираклий Чиковани НАТО-Гуырдзыстоны архайдон пакет (SNGP) сыххæсты процессы  æмæ Европаг  сабырадон   механизмы  (EPF) фæлгæтты Эстонийы  хайбавæрдмæ раздæхта йæ  хъусдард.  Сæрмагондæй  банысан ис  киберæдадсзинады стынг  кæныны æрдгæй  æндæр æмæ æндæр форматы æнтыстджын  æмгуыстад. Фарсытæ  æхсæнадæмон  ахуырты  хайады æмæ æфсæддон  ахуырады  æрдгæй æмгуыстады  плантæ  дæр  æркастысты», –  банысангонд у  министрады информацийы.