Инфраструктурæйы министрад -  «Анаклиайы  Рæзынады Консорциум» бадзырдæй  бæлвырд  документаци нæ бавдыста
Инфраструктурæйы министрад - «Анаклиайы Рæзынады Консорциум» бадзырдæй бæлвырд документаци нæ бавдыста

«Анаклиайы  Рæзынады Консорциум»   бадзырдæй  бæлвырд  документаци нæ бавдыста, –  уый фæдыл  Гуырдызстоны Фыццаг Къаналæн  Гуырдзыстоны   регионалон  рæзынады  æмæ   инфраструктурæйы  министрады фехъусын кодтой.

Дзырдæуы   банкъытимæ  кредитон  бадзырдыл, кæцыты бавдысты  æмгъуыд  абон аивгъуыд.

Афтæма  31 декабры   фæуд  кæны   æппынфæстаг  æмгъуыд,  консорциум  куы хъуамæ  сифтонг кæна  сæрмагонд капитал, афтæдæр   бафысса  æмбæлон бадзырдтæ порты  арæзтады проект сæххæст  кæнынæн.

Хæсист æнæсыххæст,  гæнæн ис   консорциумимæ бадзырд  аскъуыныны  аххосæй  суа.

Уæвæг информацийæ,   паддзахад  консорциумæн  хæсист сыххæст кæныны   æмгъуыд адарддæр кæнын нал хъавы.

«Анаклиайы  Рæзынады Консорциум»   абон  сарызта  куырдиат. Консорциуммæ  банысан кодтой, цæмæй  зæгъгæ æнæкæсгæ  уæвæг уавæрмæ,  бацагуырдтой  инвесторы,  кæцы нырмадæр интересджын у  проектæй.