«Анаклиайы Рæзынады Консорциумы» куырдиат
«Анаклиайы Рæзынады Консорциумы» куырдиат

Инвесторæн иттæг нысаниуæгджын у,  паддзахадæй рахатын комкоммæ  æххуыс æмæ цæстуарзондзинад,  куыд проекты, афтæ  сæхи æрдæм, фæнысангонд фарстамæ гæсгæ,  абоны онг нæ рахатыдыстæм паддзахадæй  ахæм позици, –   уый фæдыл дзырдæуы  Анаклиайы  рæзынады  консорциумы  куырдиаты.

«Æнæкæсгæ  уæвæг уавæрмæ,  кæцы  Анаклиайы   рæзынады   Консорциумы  контролы  дæлбар нал у,  мах  бацагуырдтам инвесторы, кæцы нырма дæр цымидис кæны проектæй.  Уый фæдыл  фехъусын кодтам  хицауады  минæвæрттæн регионалон рæзынады  æмæ инфраструктурæйы министрады  ивгъуыд  къуырийы  ацæугæ фембæлдыл.

ADC архайы  алы амæлттæй,  цæмæй проект размæ  рацæуа, цалынмæ мах хицауадæй  æххуысмæ æнхъæлмæ кæсæм,  кæцы æнæмæнгхъæугæ у   инвесторимæ  бадзырдты  кæронмæ бакæныны æмæ проекты  фидæн сифтонг кæнынæн.  Фæнды нæ,  цæмæй   нæхи аиуварс кæнæм  дауутæй  æмæ ныфс дарæм, цæмæй  хицауад сифтонг кæндзæн æххуыс, цæмæй  æнтыстджынæй  адарддæр кæнæм   æмæ  кæронмæ бакæнæм  проект»,- хъусын кæнынц «Анаклиайы рæзынады Консорциумы».

Бакой  уын кæндзыстæм,  абон фæуд кæны  «Анаклиайы рæзынады Консорциум»  банкъытимæ къухæвæрд  кредитон   бадзырдтæ  куы хъуамæ  бавдиса, уый тыххæй  лæвæрд æмгъуыд. 31 декабр та  у æппынфæстаг  æмгъуыд,  консорциум  куы хъуамæ сифтонг кæна,  куыд  йæхи сæрмагонд капитал,  афтæма, бафысса  æмбæлон бадзырдтæ порты арæзтад кæронмæ  бакæнынæн.