Натиа Турнава -  æрфдойнаг  порт Гуырдзыстонæн æнæмæнгхъæугæ у
Натиа Турнава - æрфдойнаг порт Гуырдзыстонæн æнæмæнгхъæугæ у

Гуырдзыстонæн æрфдойнаг  порт  иттæг нысаниуæгджын у, –   загъта Гуырдзыстоны  экономикæйы æмæ  æнæфæцудгæ  рæзынады  министр  Натиа Турнава.

Турнавайы  дзырдæй, зæгъгæ,    кæд  æмæ  Анаклиайы  рæзынады  консорциум, бæлвырд æмгъуыдтæм  нæ бавдисдзæн  порты финансдзинады  гарантитæ,   уæд  хицауадон  бал  проекты  сæххæсты  æндæр  фæрæзтыл  райдайдзæн уынаффæ кæнын.

«Нæ мæ  фæнды  фæзындты раздæр  цæуын, æнæкæсгæ уымæ, æмæ  цалдæр бон ма баззадис инвесторы бæрæг  дедлайны  кæронмæ, уæддæр мæ  нæ  фæнды   развæлгъау  ныхас  кæнын. Банхъæлмæ кæсæм, формалон   дедлайн æрлæууæт  æмæ   стæй  цæй  зæгъын æй  хъæы,  хицауадон балл æрымбырд уыдзыстæм  æмæ фендзыстæм,  цы хъуамæ саразæм уый тыххæй, цæмæй    ацы  æнæмæнгхъæугæ   проект  сæххæст уа.  Тынг байрæджы  кодтам ацы  проект.   Инвесторы æркуырдæй   2017 азæй фæстæ æмгъуыд æргъæвд  цæуы. Фыццаг æмгъуыдтæм гæсгæйæ,   фидæн аз фыццаг этап  хъуамæ  уыдаит æххæст  æмæ  æрфдойнаг  порт нын  уыдаит.   Хъыгагæн, афтæ  не рцыд», –  банысан кодта Натиа Турнава.

Министры куырдиатæй,  Анаклиайы   порт тынг стратегион   æмæ  приоритетон  проект у.  Афтæма  Гуырдзыстоны  портыты   абон   уаргъты зилдух  рекъордонæй  райрæзтис.

Абон фæуд кæны  астæуккаг  æмгъуыд,  «Анаклиайы  рæзынады  консорциум»   банкъытимæ къухæвæрд  кредитон  бадзырдтæ хъуамæ  бавдиса.   31  декабр та  у  æппынфæстаг  æмгъуыд,  консорциум хъуамæ  æрбаласа  куыд сæрмагонд  капитал,  афтæ  бафысса æмбæлон бадзырд иæ  порты   арæзтад кæронмæ сыххæст кæнынæн.