Хицауад «Анаклиайы  рæзынады  Консорциумимæ»  инвестицион  бадзырд аскъуыныны  процедурæтæм æрывнæлдта
Хицауад «Анаклиайы рæзынады Консорциумимæ» инвестицион бадзырд аскъуыныны процедурæтæм æрывнæлдта

Гуырдзыстоны  хицауад   «Анаклиайы рæзынады Консорциумимæ»   Инвестицион  бадзырд аскуыныны процедурæмæ æрывнæлдта.

Регионалон рæзынады  министрады   куырдиаты   банысангонд куыд у афтæмæй,   Гуырдызстоны  хицауад   рахаста  скуыддзаг,  райдайа  «Анаклиайы  Сау Денджызы æрфдойнаг  наулæуæны   арæзтады,  оперир кæныны æмæ   алæвæрды (BOT) фæдыл»  Гуырдызстоны  хицауады  æмæ «Анаклиайы   рæзынады   Консорциумы» æхсæн  2016 азы  3  октябры   бафыст  инвестицион  бадзырд аскъуыныны  процедурæтæ.

«Уымæ гæсгæйæ цæмæй,  Гуырдзыстоны  хицауад,  инвестицион  бадзырдæй  йæхимæ  ист  алы хæстæ  æххæстæй  сыххæст кодта,  æрмæст  «Анаклиайы рæзынады Консорциум»,  хицауады  æххæст æххуысмæ æнæкæсгæйæ,  2017  азæй  абоны онг нæ бахъом  ис   проект  сыххæстæн  сегасæй  ахсджиагдæр  хæс сæххæст кæнын,   нæ фæхæст ис  фæстиуджытыл  æмæ  нæ бавдыста   проекты   рæзынады   реалон  пълан, Гуырдзыстоны  хицауад банымадта, ома консорциумæн  хæсист сæххæст кæныны радон  хатт æмгъуыд ахæцын,  не  срæвдз   кæндзæн  фæндон   фæстиуджытæм æрцыд. Уый тыххæй цæмæй   консорциумимæ бадзырдон   ахастыты  фæкуылымпы  гæнæн ис  базиан кæна  Анаклиайы   æрфдойнаг  порты   арæзтады  проекты  сыххæст,   Гуырдзыстоны хицауады  скуыддзагæй,  райдайдзæн куыд   инвестицион  бадзырды  фæкъуыхцыйы  барадон,  афтæ  Анаклиайы   порты фидæны  рапарахаты проекты  ног тендерон  æнхъарæн æрцæттæ кæнынæн  хъæугæ  процедурæтæ»,- дзырдæуы   куырдиаты.