Европаг Совет  баздæхт куырдиатæй  европарламентмæ, санкциты халын  фыдракæндыл банымайыны фæдыл
Европаг Совет баздæхт куырдиатæй европарламентмæ, санкциты халын фыдракæндыл банымайыны фæдыл

Европаг  Совет  европарламентмæ  баздæхт  куырдиатæй,   санкциты халын  фыдракæндыл банымады  фæдыл.  Сæрмагондæй та,  совет куры европарламентæй,   цæмæй санкциты халын бахæссой фыдракæндты  ранымадмæ, кæцытæ  хаст сты  евроцæдисы куысты  фæдыл бадзырдмæ.

Евроцæдисы Советы нымайынц, цæмæй ацы къахдзæф  сифтонг кæндзæн Евроцæдисы территорийыл   санкциты сыххæсты   æмбæрц  æмвæзад  æмæ превенци скæндзæн  Евроцæдисы мадзæлтты  иувæрсты  ацыды  кæнæ  халыны архæйдтытæ.

«Украинайы ныхмæ Уæрæсейы   агрессийы хæсты контексты  Евроцæдис  бæрæг  бæрцæй  арæнгæнæг   мадзæлттæ райста  æмæ  æнæмæнгхъæугæ у,  цæмæй  ацы  мадзæлттæ æгас  æххæст цæуой. Ацытæккæ  уæнг паддзахадтæм ис  тынг хъауджы  бæрæггæнæнтæ, цæмæй  цы у  арæнгæнæг  мадзæлтты хæлд  æмæ   цавæр æфхæрд  хъуамæ  уа  халыны  цауы.  Уый гæнæн ис   расайа  санкциты  сæххæсты  æндæр æмæ æндæр æмвæзад  æмæ ацы  мадзæлтты  иувæрсты  ацыды риск, кæцы потенционæй  санкцион уæнгтæн  ратдзæн  фадат,  рæувадат сын уа  сæ  активтæ  æмæ æххуыс кæной режимтæн, кæцы сты  Евроцæдисы  санкциты нысан.  Æмхъæлæсон  уынаффæ  арæнгæнæг  мадзæлтты, «Евроцæдисы  фыдракæндты фæдыл»  ранымадмæ  бахæссыны  фæдыл   гæнæн скæндзæн раттын директивæ,  кæцы æххæссы минималон  уагæвæрдтæм Евроцæдисы  арæнгæнæг  мадзалтты  халынæн  тугтæрхоны барады  фыдракæнды æмæ æфхæрды  мадзал сæбæрæг кæныны фæдыл», –   дзырæдуы  фидиуæны.

Евроцæдисы Совет  закъондæттæн инициативæ  æрвиты европарламентмæ.  Парламент æй  куы сбæлвырд кæндзæн,  уый фæстæ   Евроцæдисы уæнг бæстæты мид процедурæты  фæуды фæстæ, Европаг  Советæн йæ бон бауыдзæн  уынаффæ формалонæй  рахæссын.