Томас Фрёлих – мæнмæ гæсгæ уыцы ахаст, кæцы махæн ис Европарламенты, раст нæу, уымæн æмæ дипломатимæ афтæдæр хауы, æндæргъуызон чи хъуыды кæны, уыдонимæ ныхас кæнын
Томас Фрёлих – мæнмæ гæсгæ уыцы ахаст, кæцы махæн ис Европарламенты, раст нæу, уымæн æмæ дипломатимæ афтæдæр хауы, æндæргъуызон чи хъуыды кæны, уыдонимæ ныхас кæнын

Европарламенты цы ахаст ис, уый, мæнмæ гæсгæ, раст нæу, уымæн æмæ дипломатимæ хауы æндæргъуызон чи хъуыды кæны, уыдонимæ ныхас кæнын дæр – уый фæдыл Европарламенты адæймаджы барты дæлкомитеты æнæрадон рабадтыл «Альтернатива Германийæн» партийы уæнг, Европарламенты депутат Томас Фрёлих райхъусын кодта.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, цæстæнгас саразыны процессмæ хауы иннæ фарсимæ хъуыдыты баивд дæр.

«Æнæхицауадон организациты æмæ æмбæстагон æхсæнады минæвæрттимæ хъуыдыты баивын тынг нысаниуæгджын æмæ хорз у. Стыр у, цæмæй абон ам стæм æмæ нæ бон у байхъусæм уæ расидæнтæм. Фæлæ мæнмæ гæсгæ, хъуыдыйы формирдзинады процессмæ хауы иннæ фарсимæ хъуыдыты баивын дæр. Ацы ахаст, кæцы нын ис Европарламенты, мæнмæ гæсгæ, раст нæу, уымæн æмæ дипломатимæ хауы ныхас дæр уыцы адæмимæ, кæцытæ æндæргъуызон хъуыды кæнынц», -расидтис Фрёлих.

Уымæй уæлдай ма Фрёлихы цымыдис кодта, куыд æндæвта ЮСАИД-ы рацыд æнæхицауадон организациты æмæ æмбæстагон æхсæнады куыстыл.

Уæ информацийæн, рабадтыл Европарламенты уæнгтæ Европарламенты адæймагы барты фæдыл дæлкомитеты миссийы фæдыл фæныхас кодтой, кæцы Гуырдзыстоны 26-28 марты уыд. Европарламенты адæймагы барты фæдыл дæлкомитеты æнæрадон рабадтыл раныхас кодтой Лаша Бугъадзе, Бека Хъоршиа æмæ Кети Керашвили дæр.