Европарламент Гуырдзыстоны фæдыл резолюци райста ахæм сæргондæй «Еленæ Хоштариайы æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» режимы политикон ахæстты хъуыдтагы фæдыл». Резолюцийæн йæ фарсыл рахæцыдысты 438 депутаты, 37 йæ ныхмæ æмæ 81 йæхи нæ равдыста.
Резолюцийы куыд банысангонд у афтæмæй, Европарламент «карзæй æфхæры Еленæ Хоштариайы æмæ æппæт æндæр гоймæгты политикон мотивацигонд ахст, кæцытæ нысангонд æрцыдысты сæ ныхасы æмæ æмбырды сæрибардзинадæй спайда кæныны тыххæй, кæнæ сабырадон протесты тыххæй. Афтæ дæр æфхæры политикон оппонентты, журналистты æмæ «Бæллицты» активистты системон уголовон æфхæрд».
Резолюцийы куыд фыст ис, афтæмæй Европарламент домы «хæдбар æмæ æргом фæдагуырд демонстрантты ныхмæ химион хæцæнгарзæй пайда кæныны æууæнкджын хъусынгæнинæгты фæдыл. Уый æвдисы арф тыхстдзинад Уæрæсейы, Китайы æмæ Ираны рæзгæ политикон, экономикон æмæ æдасдзинады æндæвдады тыххæй Гуырдзыстоны, кæцы æркодта бирæнымæц Иртастытæм уый бæлвырд кæны».
Резолюцимæ гæсгæйæ, Европарламент «карзæй æфхæры арæнæвæрд закъондæттынады адарддæр кæнын, кæцы арæн кæны фундаменталон сæрибардзинæдтæ, политикон активондзинад, æмбæстагон протест æмæ æндæр хъуыдыйы æрурæд.Сиды Гуырдызстоны хицауадмæ ацы арæнæвæрд закъæттæ скусын кæнын, политикон репресситы тыххæй развæлгъау ахстæй спайда кæнын æруромын æмæ тæрхондонон хæдбардзинад æмæ æмбæлон процессы уæвынад сифтонг кæнын ахæстоны уæвджытæн политикон æгъдауæй æнæфæразгæ у. Гуырдзыстоны хæстæ ассоциацийы бадзырдмæ гæсгæ».
Документмæ гæсгæ, Европарламент «ноджы иу хатт бæлвырд кæны йæ æнæфæцудгæ фарсылхæцындзинад гуырдзиаг адæмæн æмæ сæ демокративон, европаг фидæнæн.Сиды Еврокамисмæ æмæ уæнг бæстæтæм, æххуыс æмæ хъахъæд æххæст кæной гуырдзиаг активисттæн, журналисттæн æмæ опозицион архайджытæн, кæцытæ рискъы бын сты».
Европарламент ма сиды Евроцæдисмæ æмæ йæ уæнг бæстæтæм, цæмæй «æвæрой нысанмæздæхт санкцитæ, уыцы нымæцы æппæт Евроцæдисы визæты тобæтæ, режимы бæрнонты æмæ фарсхæцджыты ныхмæ, кæцытæ дзуапп дæттынц политикон мотивацигонд ахстыты, æфхæрды æмæ тыхмийы ныхмæ демократон оппозицийы, диссидентты, демонстрантты æмæ журналистты ныхмæ».