Ильхам Алиев – Вахтанг Кикабидзе Азербайджаны стыр хæлар уыд, йæ зынаргъ ном кæддæриддæр цæрдзæн  нæ  зæрдæты
Ильхам Алиев – Вахтанг Кикабидзе Азербайджаны стыр хæлар уыд, йæ зынаргъ ном кæддæриддæр цæрдзæн нæ зæрдæты

Азербайджаны президент  Ильха Алиев  Вахтанг (Буба) Кикабидзейы  мæлæты тыххæй  хъыгтæ дзуры.

«Нæ хъыгтæ  дзурæм гуырдзиаг  адæмы хистæр  хъæбулы,  зынгæ   зарæггæнæгы, артист  æмæ  режиссеры, Вахтанг  Кикабидзейы  мæлæты тыххæй. Вахтанг  Кикабидзейы ном  æнусмæ  баззайдзæн  гуырдзиаг культурæйы  разагъд историйы.  Вахтанг Кикабидзе  æппæт европæйы  символæй  ссис  йæ   бонджын  талантæй,  бæрзонд профессионализмæй æмæ  ног  уникалон  атмосферæйы фæрцы, кæцыйы уый æрбахаста  аивадмæ.

Рох  кæнын  гæнæн цæмæн  нæй  азæм дæнц, кæцыты  уый фильмты хъазыд,  зарджыты,к æцыты уый  æххæст кота  йæ  оригиналон вокалон   фæлтæрдтæй,  сæрмагонд  бынат ахсынц  цалдæр фæлтæры  зæрдæты.

Вахтанг Кикабидзе, Азербайджаны стыр хæлар уыд. Йæ сфæлдыстад  кæддæриддæр уарзта азербайджайнаг адæм  æмæ йын тынг цыт кодта йæ номæн. Уый ма афтæдæр нысаниуæгджын хайбавæрд скодта Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны  æхсæн культурон   ахастытæ  стынг  кæныны æмæ хæларон æмæ  хæларсыхагон  ахастытæ сфидарк æныны.  Зынгæ аивадархайæг  æмæ   зæрдæхæлар адæймаг, Вахтанг Кикабидзейы   ном кæддæриддæр нæ  зæрдыл лæудзæн.

Æмæнкъард кæнын  уæ рысты тыххæй,  мæхи æмæ  Мехрибаны  номæй  уын  тæфæрфæс кæнын», – банысан кодта  Ильхам Алиев мæсæллæйы фыстæджы.

Зарæггæнæг, киноартист,  режиссер, сценарист, Гурдзыстоны  адæмон  артист Вахтанг (Буба) Кикабидзе 84  азы кары амард.